Издать сборник стиховИздать сборник стихов

Кад ганаг ис

Кад ганаг ис арбацу мам ма фыны,
Арбад ма фарсма, де’нцой руадз маныл,
Тарсга та ма кан, манай уалдай на уыны,
Цамай арсабыр уа да тыхстдзинад зардыл,
 
Кад ис ганан уад аныхас канам на цардыл,
Куыд арах нам уыди ананхъал цин
Куыд хъуысыди зардайа хутт бынаты
Ама та бон да зарагай фаци ,
 
Цыдысты бонта, мах дар кодтам хистар,
Да хъарм бахудт на зардатан халар,
‘Ссыгъди ног амонд, арбахаста йа кастар ,
Ама та цинай байдзаг ис хадзар,
 
Фыды зардайа уарзт авадза у андархуыз
Ананыхас, анауалдай равдыд ама рассугъд,
Фала йа тыхан баран най, йа хуызан,
Равдз у кад фандыдар , лавар канын йа уд,
 
Кад ис ганан уад арахдарай дзурут,
Куыд уарзут ай зардахалар, сыгъдаг,
Ама та ногай аллы бон дар курут
Цамай хуыцау уын миновар кана растаг,
 
Арбад, кад ис ганан ма фарсма ,
Цамай фастаг хатт фехъусон да зард ,
Касын анхъалма да уд цамай уа сабыр ,
Ама анцондарай цауа дзанаты цард.