Издать сборник стиховИздать сборник стихов

Бакувæм

Мæ зарæг райдайон Хуыцаумæ кувгæйæ
Дæ фарнæй хай кæн,амонд нæ фарсмæ,
Дæ уарзт дын хатын, зæххы алы фарс дæр,
æмæ та ногæй мидбылты фæзæгъын - Хуыцауæн табу!
Табу дæхицæн, Сыгъзæрин Уастырджи !
Бæлццоны хъахъхъæнæг, нæ ныфс ды дæ кæм фæнды дæр ,
Дæ ном дын ардзыстæм, кæдмæ нæ туг фыца нæ нуæрдты!
Кæдмæ бындуры рухс судза хæдзæртты.
 
Бакувæм, Бакувæм - Ирæттæ размæ!
Нæ зæрдæты нæ гыццыл Ирыстон.
Ногæй та хъуысдзæн уæларвмæ ,
Ирæттæ размæ !!!
 
Кæм Стут Кæм, фасивæд? Сисæм хъазт!
Ацыбоны бон уыдзæни фæндараст,
Фæлæ нæ кæнæм рох, нæ боны фарныл иумæййагæй кусæм ,
Нæ гыццыл Ирыстоны хай, мæ зæрдыл ис æнусмæ.
Зын уавæр стæм , фæлæ нæ уддæ судзынц ,
Хуры тынау райынц фæнттæ, цæфтæ нæ дудынц.
Фидар лæууæм, Фыранкы тых нæ тугы
Нæртон бындурæн сафæн нæй, арт куыд судзы сугæй,
Кæд Гæнæн ис - æрбалæу ма мæ фарсмæ !
Хъæбатыр Иры хайæн бузныг, фарн цæуы сæ разæй.
Худинаджы бæсты - ТОХ !!! Нæ фыдæлты фæдзæхст.
Тарстæн нæй бынат, зæрдæйы бын æмбæхст.
О нæ дун-дунетæ скæнæг иунæг Стыр Хуыцау,
Мæ цард лæвар кæнын, мæ Иры бæстæн æнæвгъау,
æмæ йæ зон - кæдмæ цъæгъдой ирон фæндыры тæнтæ,
Уæдмæ цæрдзæн дæ номыл куывд æмæ мæ Иры бæстæ