Издать сборник стиховИздать сборник стихов

Зын у

Зын у зæгъæн фæстаг фæндараст,
Цæссыг та не'хсы зæрдырыст,
Нæ ферох кодтам мах дæ бакаст,
Сау дурæй не'ссæудзæни фыст...
 
Дзæнæтмæ тагъдгæнгæ фæраст дæ,
Ныууагътай саубæттæн кæддаг,
Æмæ дзыназгæ мады зæрдæ,
Ныппырх, æнæмæнгæй фæмард...
 
Фæстæмæ нæй фæндаг дзæнæтæй,
Æмæ Кæм дæ уым рухсаг у,
Нæ зæрдыл баззадтæ хъæлдзæгæй,
Ныхас нал арын, рухсаг у...